Цхинвалы дуканитӕй иуы милици ссардта тобӕгонд электронон тамакотӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 сен – Sputnik. Хуссар ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ ссардтой ӕмӕ байстой Цхинвалы дуканитӕй иуы тобӕгонд электронон тамакоты 96 иуӕджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Барадхъахъхъӕнӕг уагдоны куыд банысан кодтой, афтӕмӕй 33-аздзыд уӕйгӕнӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы административон ӕфхӕрд.
"Дуканийы уӕйгӕнӕг, Цхинвалы 33-аздзыд цӕрӕгмӕ закон "Электронон тамакоты ӕрбаласт, парахат ӕмӕ реализаци кӕныны фӕдыл" фехалыны тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы административон ӕфхӕрд", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Электронон тамакотӕ Хуссар Ирыстоны сты тобӕйы бын 2021 азы августӕй фӕстӕмӕ. Фӕткхалджыты ныхмӕ закондӕттынад хӕссы ӕфхӕрд ивары хуызы административон фӕткхӕлды предметты конфискациимӕ.