Росавиаци ногӕй адарддӕр кодта Уӕрӕсейы 11 аэропортмӕ атахтытыл арӕнӕвӕрдтӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 сен – Sputnik. Уӕрӕсейы хуссар ӕмӕ централон хаййы 11 аэропортмӕ атахтытыл рӕстӕгмӕ арӕнӕвӕрдты режим адарддӕр кодтой 16 сентябрьмӕ, хъусын кӕны Росавиаци.
Рӕстӕгмӕ арӕнӕвӕрдтӕ ӕххӕссынц Анапӕ, Белгород, Брянск, Воронеж, Геленджик, Краснодар, Курск, Липецк, Ростов-на-Дону, Симферополь ӕмӕ Элистайы аэропорттӕм батахтытыл. Уӕрӕсейы аннӕ аэропорттӕ кусынц штатон режимы.
Уӕрӕсейы аэропорттӕм атахтытыл арӕнӕвӕрдтӕ бакодтой 24 февралӕй фӕстӕмӕ.