ӔФС не руагъта теракт Ленобласты. Фӕдагуырды версимӕ гӕсгӕ, ӕртӕ фыдгӕнӕджы Выборгӕй фӕнд кодтой саразын зынгсирвӕзт хъахъхъӕнынады министрады объектыл.
"Уӕрӕсейы ӔФС управлени не руагъта террористон акт Ленинграды областы ӕфсӕддон объекттӕй иуы. Ӕрцахстӕуыд Выборгы ӕртӕ цӕрӕджы", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Сӕрмагонд службӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕрцахстуӕвджытӕ фӕнд кодтой ссудзын административон бӕстыхай, кӕцы хауы хъахъхъӕнынады министрадмӕ. Уголовон хъуыддаг бакодтой теракт саразыны бафӕлвӕрды статьямӕ гӕсгӕ.
Куыд ӕрцахстой фыдгӕнджыты, уымӕ бакӕсут нӕ видеойы.