Хуссар Ирыстоны пенсионертӕ райсдзысты иурӕстӕгон фиддонтӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бафыста бардзырд пенсионертӕн иурӕстӕгон фиддонтӕ радтыны фӕдыл, сӕ бӕрц уыдзӕн фӕйнӕ фондз мин сомы. Документ мыхуыр ӕрцыд паддзахады сӕргълӕууӕджы официалон сайтыл майрӕмбоны.
"Снысан кӕнын иурӕстӕгон фиддонтӕ 5 мин сомы бӕрц ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ ӕппынӕдзух цӕрынц Хуссар Иры территорийыл ӕмӕ кӕцытӕ нӕ исынц пенситӕ Уӕрӕсейы территорийыл", - дзырдӕуы бардзырды тексты.
Фиддонтӕн фӕрӕзтӕ хицӕн ӕрцӕудзысты Соцфонд ӕмӕ паддзахадон бюджетӕй. Фиддонтӕ райсдзысты, пенситӕ цы амӕлттӕй исынц, афтӕ.