Серьезон бӕрзӕндтӕ: Хуссар Иры ФХМ Уӕрӕсеимӕ дипахастытӕ сфидар кӕныны афӕдзыбоны тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад арвыста Уӕрӕейы Федерацийы ӕддагполитикон уагдонмӕ арфӕйы тел дыууӕ бӕстӕты хсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны афӕдзыбоны цытӕн.
Арфӕйы фыстӕджы дзырдӕуы, 2008 азы 9 сентябрь кӕй ссис ног цӕджындз дыууӕ паддзахады хсӕн ахастыты.
"Дипломатон ахастыты сфидар ӕрӕвӕрдта бындур ӕхсӕнпаддзахадон дыууӕварсон ахастыты райтынг кӕнынӕн, стратегион ӕмбаладӕн, ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцион процессты фӕарфдӕр кӕнынӕн", - дзырдӕуы арфӕйы.
Афтӕ ма телы банысангонд ӕрцыд, ивгъуыд ӕзты къухты кӕй бафтыд паддзахадон арӕзтады, экономикон ахастыты райтынг кӕныны, афтӕ ма социалон къабазы ӕмвӕзадыл схӕцыны хъуыддаджы серьезон бӕрзӕндтӕм схизын.
ФХМ равдыстой ныфс, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы хсӕн фӕстиуӕгджын ӕмгуыстад дарддӕр дӕр кӕй рӕздзӕн дыууӕ адӕмы хӕрзӕбонӕн.