Цхинвалы райдыдта Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры МХМ дыууӕварсон комитеты ӕмбырд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 сен – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы мидхъуыддӕгты органты иумӕйаг информацион-координацион центры (ИКЦ) сӕвзӕрдимӕ дыууӕ бӕстӕйӕн фӕзындысты уӕлӕмхас фадӕттӕ информаци дих кӕнынӕн. Уый тыххӕй фехъусын кодта РХИ президент Гаглойты Алан Цӕгат Иры мидхъуыддӕгты министр Андрей Сергеевимӕ фембӕлды рӕстӕджы. Уый равдыста ныфс, дыууӕ паддзахӕдты уагдӕтты хсӕн ӕмгуыстад кӕй рахиздзӕн ног ӕмвӕзадмӕ.
Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг бахахх кодта, республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ цӕрджытӕ стыр бузныг кӕй сты Уӕрӕсейы мидхъуыддӕгты министрадӕй.

"Мах ӕнкъарӕм се 'ххуыс. Хуссар Ирыстоны фарсӕрдыгӕй дӕр ис зӕрдӕбын ахаст алы фарстмӕ дӕр. Афтӕ рауад ӕмӕ Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ир ныддих кодтой, фӕлӕ мах кӕддӕриддӕр тынг ӕхсызгонӕй ӕмбӕлӕм не 'фсымӕртыл - мах иу адӕм стӕм", - загъта президент.

Андрей Сергеев бузныг загъта хъарм райсты тыххӕй ӕмӕ фехъусын кодта Цӕгат Иры раздзог Сергей Меняйло ӕмӕ УФ МХМ сӕргълӕууӕг Владимир Колокольцевы арфӕйы ныхӕстӕ.
Хуссар Ирыстоны президенты бардзырдӕй Андрей Сергеев хорзӕхджын ӕрцыд Хӕларады орденӕй, йӕ хӕдивджытӕ Цибирты Таймураз ӕмӕ Наниты Роберт та майдантӕй "В ознаменование 10-летия Победы в Отечественной войне народа Южной Осетии".
Президентимӕ фембӕлды фӕстӕ йӕ куыст райдыдта дыууӕ республикӕты мидхъуыддӕгты министрӕдты дыууӕварсон комитеты рабадт, цы ран скъуыддзаг цӕуынц арӕнгӕрон ӕмгуыстады фарстытӕ.
Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг Гӕззаты Валерий куыд банысан кодта, афтӕмӕй зындзинӕдты дыууӕ республикӕ кӕддӕриддӕр уыдысты кӕрӕдзи фарсмӕ - ууыл дзурӕг сты Беслӕны трагеди, 2008 азы хӕст.
Фембӕлд адарддӕр ӕхгӕд дуӕртты фӕстӕ.
Цхинвалы райдыдта Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры МХМ дыууӕварсон комитеты ӕмбырд