Теркæй Туркмæ

2. Цырагъыл сыгъд паддзах

Sputnik
Рухс ма уыд, афтæ æрбахæццæ Дзæуджыхъæуæй. Йæ дарæс дæр нæ раласта, афтæмæй йæхиуыл дуар сæхгæдта, тымбыл къух йæ роцъомæ сæвæрдта, арф хъуыдыты аныгъуылд.
Куысты сахаты чи фæнды цыдаид Муссæйы хатæнмæ – йæ ных æнæмæнг æрфыгæлхынцъ Гамзаты ныхыл сæмбæлдаид. Молло Хъазийы раз дуар гом уыд боныгон дæр æмæ æхсæвыгон дæр. Хуыцауы минæвар молло Хъазийæ йæ зыдтой. Æрбахаста æхсызгон чи нæ уыд, ахæм хабæрттæ. Нæ артдзæстæй дам нæ сурынц, æнæдин джауырты дам, дзы æрцæрын кæндзысты. Нæ сахъгуырдты, дам, нын салдаты акæндзысты, чырыстон дин, зæгъ, сын тыххæй райсын кæндзысты.
Фидиуæг Дзæуджыхъæуæй йæ цыппар къуымы сасм мыхуыртæ кæмæн уыд, ахæм пакет авæрдта Муссæмæ. Фыстæджы инæлар-лейтенант Лорис-Меликов сидтис Муссæмæ, цæмæй уый æвæстиатæй Дзæуджыхъæуы фæндагыл ныллæууа фæстæмæ.
Булкъаты Михал, роман "Теркæй Туркмæ". Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.