"Ӕхсæвы цуанонтæ": куыд кусынц хæстон вертолеттæ Ми-28Н Украинæйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад ныммыхуыр кодта бирæнысанон хæстон вертолеттæ Ми-28Н экипажты куысты кадртæ.
Уагдоны куыд радзырдтой, афтæмæй уæрæсейаг мотоæхсджытæ æмæ танкисттæн баххуыс кæныны фæсидтæ фронты раззаг хаййæ æрбацæуынц цалдæр хатты иу сменæйы дæргъы, куыд боныгон, афтæ æхсæв дæр.
Цалынмæ кæцыдæр экипажтæ æрбацæуынц хæстон атахттæй, уæдмæ иннæтæ цæттæ вæййынц тохмæ.
Хъахъхъæнынады министрады бафтыдтой, зæгъгæ, стахт-æрбадты режимы аэродром кусы нон-стоп. Алкæцы атахты размæ дæр экипаж рацæуы арф цæттæкæнынад.