Цхинвалы мэрия аскъуыддзаг кодта скъолатӕй иуы раз проблемон бахизӕны фарст

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 сен – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Цхинвалы мэрия оперативон ӕгъдауӕй аскъуыддзаг кодта цӕрджыты фарст, кӕцытӕ бахатыдысты горӕты мэр Кацты Геномӕ столицӕйы 6-ӕм скъолайы раз фистӕгӕй цӕуджыты бахизӕн саразыны фӕдыл.
Цхинвалы мэрия аскъуыддзаг кодта скъолатӕй иуы раз проблемон бахизӕны фарст
Ахуырадон уагдонмӕ бахизӕн цыд газонмӕ ӕмӕ йӕ ныннадтой скъоламӕ цӕуджытӕ.
Цӕрджыты куырдиаты фӕстӕ ӕртӕ боны ӕмгъуыдмӕ горӕты мэрия сфидар кодта бригадӕ, кӕцы ныссыгъдӕг кодта газон ӕмӕ йыл сӕвӕрдта плиткӕ, цӕмӕй скъоладзаутӕ ӕмӕ Цхинвалы цӕрджытӕ сӕрибарӕй хизой Джиоты Аланы проспекты иннӕ фарсмӕ.
1 / 3

Цхинвалы мэрия аскъуыддзаг кодта скъолатӕй иуы раз проблемон бахизӕны фарст

2 / 3

Цхинвалы мэрия аскъуыддзаг кодта скъолатӕй иуы раз проблемон бахизӕны фарст

3 / 3

Цхинвалы мэрия аскъуыддзаг кодта скъолатӕй иуы раз проблемон бахизӕны фарст

Бирӕбӕрц хӕдтулгӕтӕ ӕмӕ фистӕгмй цӕуджыты фӕдыл, уӕлдай дӕр та райсомы сахатты, Цхинвалы скъолатӕ ӕмӕ сабидӕттӕм бахизӕнты пролемӕтӕ сты тынг актуалон.