Цыппар авари æмæ иу фыдракæнд. Хуссар Иры МХМ радзырдта къуырийы уавæры тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik. Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны срегистраци кодтой цыппар фæндагон-транспортон цауы. Уый фæстиуæгæн дыууæ адæймаджы райстой алыгъуызон буары цæфтæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Афтæ ма фæндагон змæлды æдасдзинадмæ хъусдарды рæстæджы ПАИ кусджытæ рабæрæг кодтой 297 фæткхæлды. Цыппар шофыры та хæдтулгæтæ скъæрдтой нозтджынæй.
"Уымæй дарддæр ма фæткхæлдты хсæн ис: хæдтулгæ æнæ æмбæлон документтæй скъæрын - 99, фæндагон нысæнтты фехæлд - 81, æнæ скъæрыны барæй бадын хæдтулгæйы рулыл - 19", - дзырдæуы хъусинаджы.
Республикæйы территорийыл ма ивгъуыд къуыри цыд иу фыдракæнд дæр, кæцы рабæрæг кодтой мидхъуыддæгты органты кусджытæ. Алыгъуызон фæткхæлдты тыххæй милици æрурæдта цыппар адæймаджы.