Хæсисттæ иууылдæр æххæст æрцæудзысты. Вольвач Цхинвал æмæ Мæскуыйы хсæн æмархайды тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 сен – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Хæсисттæ, кæцытæ Уæрæсе йæхимæ райста æмæ исы Хуссар Ирыстонимæ ног æхсæнпаддзахадон бадзырдты фæлгæтты, иууылдæр æххæст æрцæудзысты. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы экономикон райрæзты министры хæдивæг Дмитрий Вольвач йæ пресс-конференцийы Sputnik-ы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны фыццаг бонæй фæстæмæ Уæрæсе у республикæйы æууæнкджын партнер æмæ хæлар.
"Дыууæ бæстæйы æфсымæрдзинад æмæ æмбалдзинад у хицæн эпитетты аккаг. Экономикон трекы мах цы аразæм, уый у ахсджиаг бындуртæй, иугæнæг хæйттæй иу, кæцытæ бæттынц нæ паддзахæдты адæмты. Ног экономикон æмæ геополитикон уавæртæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æндавынц Уæрæсейы экономикæйыл дæр, афтæ ма глобалон экономикæйыл, глобалон политикæйыл", - загъта уый.
Вольвач ма ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ тынг ахсджиаг у, республикæйы аккагдæр хъæбултæ сæ уæрæсейаг æфсымæртимæ кæй æххæст кæнынц вазыгджын, фæлæ æнæмæнгхъæуæг куыст хицæн территориты денацификацийы фæдыл.
"Ахæм у нæ мисси. Ӕмæ уыцы вазыгджын, фæлæ хъæугæ куыст бакæнын хъæуы нæ гарзджын тыхтæн иумæ. Уый у æмархайды ахсджиаг хай", - бахахх кодта министры хæдивæг.
Раздæр Вольвач фембæлд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланимæ. Фембæлды рæстæджы уæрæсейаг чиновник банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ бæстæйы куысты ахсджиаг фæдыздæхт хъуамæ суа закондæттынад таможнæйон хъуыддаджы фадыджы.