ЦХИНВАЛ, 13 сен – Sputnik, Козаты Диана. Фæскавказаг регионы уавæр иууыл стабилон нæу, уыцы факт хъуамæ сразæнгард кæна Женеваг дискусситы алкæцы хайадисæджы дæр куыста эффективондзинад æмæ фæстиуæгджындзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ ацы æхсæнадон форматы фæлгæтты, загъта президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин Женеваг дискусситы æмсæрдæрттимæ фембæлды.
ООН, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ дыццæджы æрцыдысты Цхинвалмæ. Столицæйы уыдон фембæлдысты дискусситы хайадисджытимæ ХУссар Ирыстонæй, фарсытæ æруынаффæ кодтой радон 56-æм раундмæ цæттæкæнынадыл.
Коцты Константин банысан кодта, зæгъгæ, ацы аз ныр фыццаг æмбырд кæй у, уымæн æмæ нæдæр марты, нæдæр июны нывæзтгонд фембæлдтæ кæй нæ ацыдысты. Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, ахæм паузæтæ ма иу кæй уыд раздæр дæр.
"Уавæр Фæскавказы иууыл стабилон нæу. Уыимæ иумæ дæргъвæтин рæстæджы дæргъы нæ куыст æмбæлы алыгъуызон цæлхдуртимæ. Ахæм куыстурæдтæ та æндавынц процессы цыдыл", - банысан кодта паддзахадон уынаффæгæнæг.
Коцты константин ма бахахх кодта, женеваг дискусситæн кæй нæй альтернативæ куыд фæзуатæн, цы ран уынаффæ кæнынц æдасдзинады фарстытыл, æмæ Хуссар Ирыстоны хорз æмбарынц уыцы процессы ахсджиаг нысаниуæг.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фембæлдты фæтлтæрддзинад куыд æвдисы, афтæмæй скъуыддзæгтæ агурыны вазыгджындзинадмæ æнæкæсгæйæ Женеваг дискусситæ хæссынц егъау хайбавæрд стабилондзинад сфидар кæнын æмæ æдасдзинады фæндæгтæ агурыны хъуыддаджы, афтæ ма сты сабырад бахъахъхъæныны ахсджиагдæр элементтæй иу.