Цхинвалы Мӕскуыйаг микрорайон аварийы аххосӕй баззад ӕнӕрухсӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Мӕскуыйаг микрорайон ӕтыццӕджы баззад ӕнӕрухсӕй. Электроифтонгад аскъуыд хаххыл аварийы аххосагӕй, фехъусын кодтой Sputnik "Энергоресурс"-ы
"Мӕскуыйаг микрорайонмӕ хӕстӕг электрон хаххыл ӕрцыд авари. Ныридӕгӕн фӕуд кӕнынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ӕмӕ ӕввахс рӕстӕджы электроифтонгад сӕндидзӕн кӕндзысты", - загътой уагдоны.
Рухс ахицӕн ис райсом аст сахатмӕ ӕввахс, уый фӕкъуылымпы кодта горӕты ацы хайы сабидӕтты куыст.