Гаглойты Алан раарфæ кодта Никарагуайы президентæн сæ хæдбардзинады боны фæдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстон хорз хъуыды кæны Никарагуайы æххуыс нæ историйы уæззаудæр рæстæгтæй иуы. Уый тыххæй дзырдæуы Гаглойты Аланы арфæйы телы Никарагуайы президент Даниэль Ортегайы номыл сæ бæстæйы национ бæрæгбон - Хæдбардзинады боны цытæн.

"Хуссар Ирыстон хорз хъуыды кæны Никарагуайы æххуыс нæ историйы уæззаудæр рæстæгтæй иуы. Уырны мæ, нæ æмахастытæ æмæ æмгуыстад дыууæ бæстæйы хæрзæбонæн размæ цæудзысты æмæ уæрæх кæндзысты", - дзырдæуы арфæйы телы.

Президент банысан кодта, Никарагуа цадæггай кæй фидар кæны йæ позицитæ æхсæнадæмон аренæйы æмæ амайы йæ адæмæн рæсугъд фидæн.
"Республикæ Никарагуйы 1821 азы 15 сентябрь у сæрибардзинады идеалты æмæ национ иудзинад дæнцæг, уый уырнын кæны адæмтæ сæ фидæн сæхæдæг кæй æвзарынц", - бафтыдта уый.