Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арӕны баконды фӕстӕ йӕ сӕртыл ахызт 3600 фылдӕр адӕймаджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арӕны сӕрты ахизыны фадатӕй августы спайда кодтой 3606 адӕймаджы, фехъусын кодта президенты ӕмбырды тыхон структурӕтимӕ Арӕнхъахъхъӕнӕг службӕйы хистӕры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Валерий Алиханты.
Цыппӕрӕмы президент ауагъта ӕрвылкъуырион ӕмбырд тыхон структурӕты минӕвӕрттимӕ.

"20 августӕй 30-мӕ уадзӕн пунктты сӕрты дыууӕрдӕм ахызт 3606 адӕймаджы ӕмӕ ӕртӕ траспортон фӕрӕзы. Уыдонӕй 3190 ацыдысты Ленингоры районы "Раздӕхын"-ыл, 416 - Дзауы районы "Переу"-ыл", - бамбарын кодта Валерий Алиханты.

Уый ма бафтыдта, Гуырдзыстоны фарс кӕй сарӕзта къорд мадзалы арӕнмӕ ӕввахс, сгӕрста документтӕ, иста къамтӕ ӕмӕ фарста адӕмы Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнадон-политикон уавӕрӕй.
Ленингоры хицауады минæвар радзырдта, куыд кусы уадзæн пункт Гуырдзыстонимæ арæныл