Хуссар Иры парламенты сӕргъ слӕууыд парти "Ныхас"-ӕй депутат Ӕлборты Алан

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты ног спикер ссис сӕудӕджерад, арӕзтад, транспорт, бастдзинад ӕмӕ ӕрдзон ресурсты комитеты сӕргълӕууӕг Ӕлборты Алан.
Абон раздӕры спикер Тадтаты Алан сибар ӕцыд йӕ бынатӕй. Уый ахӕм скъуыддзаг рахаста йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ.
Закондӕттӕг органы ног сӕргълӕууӕг параламенты хъахъхъӕны парти "Ныхас"-ы, кӕцыйы сӕрдар у президент Гаглойты Алан, интерестӕ.
Ӕлборты Аланы равзӕрстой сусӕг хъӕлӕсӕппӕрсты фӕстиуӕгӕн. Уымӕй дарддӕр ма бюллетеньмӕ хаст ӕрцыд хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады фӕдыл парламентон комитеты хистӕр Бибылты Ацӕмӕз.
Тадтаты Алан ацыд Хуссар Иры парламенты спикеры бынатæй