Тадтаты Алан ацыд Хуссар Иры парламенты спикеры бынатæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты сæрдар Тадтаты Алан ацыд йæ бынатæй.
Уый ссӕрибар кӕныны фарст уынаффӕмӕ рахастой фӕззыгон сессийы фыццаг рабадты.

"Ахæм уынаффæ рахастон, фæстаг рæстæджы нæм цы цаутæ цæуы, уыдон тыххæй. Сæ нымæцы депутатты хсæн æнæмбарынад æмæ парламенты куысты бойкот. Архайдтон хатыр кæнын, фæлæ уый хатдзæгтæм нæ кодта", - загъта Тадтаты Алан.

Спикер ма бафтыдта, йæ куысты уый бынатыл кæй никуы хæцыд.
Рабадты рæстæджы хъаугъайаг ссис хъæлæсæппæрсты процедурæ, фылдæр бæрцæй аскъуыддзаг кодтой, цæмæй хъæлæсæппæрст ацæуа æргомæй. Тадтаты Аланы ацыдыл сæхъæлæс кодтой 19 депутаты, уый дарддæр баззайдзæн кусгæйæ парламенты депутатӕй.
Тадтаты Алан, кӕцы у парти "Иугонд Ирыстоны" уӕнг, закондӕттӕг органы сӕргъ лӕууы 2019 азы июнӕй фӕстӕмӕ. Уый равзӕрстой спикерӕй уыцы аз парламентон ӕвзӕрстыты фӕстӕ.