Хуссар Иры равзӕрстой ветеранты цӕдисы сӕрдары

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ветеранты цӕдисы сӕрдарӕй равзӕрстой Хуыбылты Русланы. Уый тыххӕй хъусын кӕны юстицийы министрады пресс-службӕ.
"Боны фӕткы уыд ӕрмӕст ӕхсӕнадон организацийы сӕрдар равзарыны фарст. Ветеранты советы хистӕрӕй равзӕрстой Хуыбылты Руслан Мелитоны фырты",- дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны ма бафтыдтой, ӕмбырды рӕстӕг ма равзӕрстой сӕрдары дыууӕ хӕдивӕджы - Дриаты Гия ӕмӕ Гаглойты Ароны.