ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik. В районе населенного пункта Николаевскы областы цæрæн Очаковмæ хæстæг скуынæг кодтой Украинайы сæрмагонд операциты центры база æмæ штаб. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад.
Уыймæй дадддæр ма Харьковы областы дæр ныддæрæн кодтой украинæйы 66-æм бригадæйы дислокацийы пункт æмæ нацбатальон "Кракен" Харьковы.
ДАР-ы цæрæн пункты Северск нысанмæ æхстæй ныппырх кодтой украинæйы 80-æм десантон-штурмон бригадæйы позицитæ.
Ацы æхсты фæстиуæгæн ныхмæлæууæг фесæфта 400 украинайаг æфсæддоны цæфтæ æмæ мæрдтæй, 20 иуæджы техникæйæ. Уымæй дарддæр ма скуынæг кодтой æртæ минæй фылдæр хæцæнгарз.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 293 хӕдтӕхӕджы, 155 вертолеты, 1965 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 375 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4940 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 837 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3392 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 5616 иуӕджы.