Журнал "Фидиуӕг"-ы редактор радзырдта, цы ивдзӕн мыхуыры фӕрӕзы куысты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны литературон журнал "Фидиуӕг" кӕндзӕн ног нӕмттӕ литературӕйы ӕмӕ мыхуыр райдайдзӕн пьесӕтӕ, фехъусын кодта Sputnik, журналы редактор Годжыцаты Нелли.
"Журналы кӕны канд ног нӕмттӕ нӕ, фӕлӕ ма ног фӕзындтӕ дӕр. Нӕ театр дӕр тыхсы драматургийы жанры ӕрмӕджы цухдзинадӕй. Ацы хаххы фыссы Остъаты Алан, уымӕн ис фӕдонтӕ дӕр, кӕцытӕ фыссынц ацы фадыджы. Ныр кадджын у ахӕм жанр куыд документалон драмӕ, уым фыста Уанеты Владимир",- загъта уый.
Редактор ма бафтыдта, ныридӕгӕн цӕттӕ у пьесӕ Хетӕгкаты Къостайы тыххӕй.
"Бекъойты Майя бацӕттӕ кодта пьеса, бирӕ бафыдӕбон кодта, архивты бакуыста", - бафтыдта уый.
Годжыцаты Нелли ма бахахх кодта, ис хицӕн адӕм кӕцытӕ архайын ирон литературӕ ӕмӕ ӕвзаджы райрӕзтыл.
"Иу хорз адӕймаг Уанеты Ӕхсар нын балӕвар кодта журналы рафыст 40 адӕймайгыл азы кӕронмӕ. Уыдон уарӕм йӕ бон мыхуыры фӕрӕз йӕ бон рафыссын кӕмӕн нӕу, уыдоныл", - загъта уый.
Уыимӕ иумӕ ма уый бафтыдта, кӕй кусынц, цӕмӕй Цӕгат Ирыстонмӕ дӕр хӕццӕ кӕна нӕ журнал.