ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл 12-19 сентябры регистраци ӕрцыд цыппар фӕндагон-транспортон цауы. Аваритӕй иуы фӕстиуӕгӕн буары цӕфтӕ райста иу адӕймаг, хъусын кӕны республикӕйы мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.
Афтӕ ма фӕндагон змӕлды ӕдасдзинадмӕ хъусдарды рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ рабӕрмг кодтой 344 фӕткхӕлды. Цыппар шофыры хӕдтулгӕтӕ скъӕрдтой нозтджынӕй.
"Уымæй дарддæр ма фæткхæлдты хсæн ис: хæдтулгæ æнæ æмбæлон документтæй скъæрын - 74, фæндагон нысæнтты фехæлд - 94, æнæ скъæрыны барæй бадын хæдтулгæйы рулыл - 4, светофоры сырх рухсыл аскъæрын - 38", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уыгдоны ма фехъусын кодтой, ивгъуыд къуыри республикæйы территорийыл иу фыдракæнд дæр кæй не 'рцыд.