ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Джиоты Ӕхсар йӕхимӕ райста Хъӕрӕсе-Черкесийы делегацийы уӕнгты, кӕцытӕ ӕрцыдысты Цхинвалмӕ Республикӕйы боны цытӕн мадзӕлтты хайад райсынмӕ.
"Фембӕлды рӕстӕджы фарсытӕ ӕрдзырдтой дыууӕварсон ӕмгуыстады хицӕн фӕдыздӕхттыл, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Хъӕрӕсе-Черкесийы хсӕн бафыстгонд адзырды фӕлгӕтты ӕмархайд рауӕрӕх кӕныны перспективӕтыл", - хъусын кӕны ӕддагполитикон уагдоны пресс-службӕ.
Министрады ма радзырдтой, делегацийы сконды кӕй сты горӕт Черкесскы Думӕйы депутат Дзугаты Альберт, Черкесскы мэры уынаффӕгӕнӕг Алексей Стаценко ӕмӕ РХИ минӕвар ХЧР Хуыгаты Эдуард.