Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы хайад райста Сергей Лавровы брифингы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр хайад райста УФ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавровы брифингы, кӕцы нывонд уыд ИНО нывӕзтгон Генассамблейӕн Нью-Йоркы.
Фӕсарӕйнаг бӕстӕты аккредитацигонд минӕвӕрттимӕ фембӕлды рӕстӕджы Лавров банысан кодта, дунейы кӕй ӕмбырд кӕнынц кризисон центртӕ, кӕцытӕ баст сты куыд ныгуылӕйнаг бӕстӕты экономикон политикӕимӕ, афтӕ ма "глобализацийы ӕппӕт стистемӕ цы бындуртыл арӕзт цыд, уый фехӕлдимӕ".
"Ацы къуыри райдайдзысты бӕрзонд ӕмвӕзадыл мадзӕлттӕ, кӕцыты рӕстӕджы ӕнӕмӕнгӕй дӕр лӕвӕрд ӕрцӕудзысты карз нысӕнттӕ иу кӕнӕ иннӕ бӕстӕйы архӕйдтытӕн. Фӕлӕ уӕддон ИНо ӕрмӕст полемикон экзерсистӕн арӕзт не рцыд, фӕлӕ ма уымӕн дӕр, цӕмӕй ӕххӕст кӕна йӕ уагӕвӕрды домӕнтӕ", - фехъусын кодта Лавров.
Брифингы фӕлгӕтты фӕсарӕйнаг дипломаттӕн уыд фадат раттын УФ ФХМ сӕргълӕууӕгмӕ фарстытӕ, кӕцытӕ хауынц глобалон боныфӕткы проблемӕтӕм.