Сæрбæрзондæй хаста ирон хæстоны ном. Къуаисайы фæстаг хæрзбон загътой Зассеты Русланæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 сен – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны йе 'нусон бынатмæ афæндараст кодтой Зассеты Русланы (Ахмæт), кæцы фæмард Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы фæстиуæгæн. Зиан бавæрдтой Ахмæты райгуырæн горæт - Къуаисайы.
Зассеты Ахмæт 13 майы бахауд госпитальмæ цæфтæ æмæ контузиимæ. Дохтыртæ цалдæр мæй тох кодтой йæ фервæзын кæныныл, фæлæ цæфтæ разындысты тыхджындæр.
Къуаисайы фæстаг хæрзбон загътой Зассеты Русланæн (Ахмæт)
Ирон хæстонæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ Къуыдаргоммæ æрбацыдысты сæдæгай адæймæгтæ, се хсæн республикæйы хицауады æмæ хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ.
"Махæй никуы ферох уыдзæн йæ кадджын ном. Хуссар Иры президент нын бахæс кодта схорзæхджын кæнын Зассеты лæппуйы "Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы" майданæй йæ хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады тыххæй", - загъта фыдохы митингы рæстæджы РХИ Ӕдасдзинады советы сæрдар Плиты Анатолий.
Къуаисайы фæстаг хæрзбон загътой Зассеты Русланæн (Ахмæт)
Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Марат Павлов банысан кодта, Зассеты Ахмæты амардæй Ирыстон æмæ Уæрæсе кæй фесæфтой иууыл аккагдæр хъæбултæй иуы. Уый радзырдта æрæмбырдуæвджытæн, спецоперацийы рæстæджы Ахмæт йæхи кæй æвдыста хъæбатын хæстонæй, уый æдасæй цыд знаджы ныхмæ, хъахъхъæдта йæ хæстон æмгæртты.
"Уый сæрбæрзондæй хаста ирон-хæстоны ном, æмæ йæ мæлæтæй Ирыстон æмæ Уæрæсейæн æрхаста æнæбаххæстгæнгæ зиан", - бахахх кодта Павлов.
Зассеты Ахмæтыл цыд 26 азы. Баззад ын йын æмкъай.
Къуаисайы фæстаг хæрзбон загътой Зассеты Русланæн (Ахмæт)