ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны раздзог Гаглойты Аланӕн Республикӕйы боны цытӕн ӕмӕ ныфс бавӕрдта, дарддӕр дӕр кӕй кӕндзысты алыварсон ӕххуыс ӕфсымӕрон адӕмӕн.
"Нӕ бӕстӕты хсӕн ахастытӕ арӕзт цӕуынц ӕмцӕдисад ӕмӕ интеграцийы бындуртыл. Мах хъавӕм дарддӕр дӕр алыварсон ӕххуыс кӕнын Хуссар Ирыстоны ӕфсымӕрон адӕмӕн сӕ разы лӕууӕг социалон-экономикон хӕстӕ скъуыддзаг кӕныны хъуыддаджы, афтӕ ма национ ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны", - дзырдӕуы арфӕйы телы.
Фыстӕджы ма банысангонд ӕрцыд, Республикӕйы боны бӕрӕгбон кӕй ссис ирӕтты хъайтардзинад ӕмӕ ӕхсардзинады символ, кӕцытӕ "хъазуатон тохы фӕстиуӕгӕн рамбылдтой сӕ сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинад".
Путины цӕст бауарзта Хуссар Иры президентӕн фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ ӕнтыстытӕ, йӕ цӕрджытӕн та - сабырад ӕмӕ фӕрныгад.