ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы район Республикӕйы бӕрӕгбоны цытӕн мадзал "Аланты кӕрты" бавдыста иууыл стырдӕр уӕлибыхтӕ.
Дыццӕджы Хуссар Ирыстоны ӕппӕт къуымты цӕуынц бӕрӕгбоны цытӕн мадзӕлттӕ. Театралон фӕзуаты цытджын парады фӕстӕ адӕм ныггуылф кодтой Ногдзауты паркмӕ. Ам столицӕ ӕмӕ районты минӕвӕрттӕ равӕрдтой фӕззӕджы хуынтӕ, алыгъуызон нозт ӕмӕ аходӕнтӕ.
Цхинвалы район уазджыты сбуц кодта ӕнахуыр егъау уӕлибыхтӕй, кӕцыты диаметр хӕццӕ кӕны иу метр ӕмӕ ӕрдӕгмӕ.
"Тынг цымыдисон мадзал у, бинонты дзагӕй рацыдыстӕм абон бӕрӕгбонмӕ ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Районтӕ иууылдӕр диссаджы хуынтӕ бавдыстой, фӕлӕ уӕддӕр Цхинвалы районы уӕлибыхтӕн абарӕн ницӕимӕ уыд. Къух дӕр сыл не 'ххӕссыд", - загъта столицӕйы цӕрӕг Бестауты Мӕдинӕ.
Хуссар Ирыстон дыццӕджы нысан кӕны Республикӕйы расидты 32-ӕм афӕдзыбон.
1990 азы 20 сентябры Адӕмон депутатты совет расидт Хуссар-Ирыстойнаг советон демократон республикӕйы сырӕзт Советон Цӕдисы сконды. Ацы бон республикӕ сарӕзта йӕ фыццаг къахдзӕфтӕй иу хӕдбардзинад ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон банымадмӕ.
Сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд бирæазон тох фæцис 2008 азы, уæд Тбилисы радон ӕфсӕддон авантюрæйы фæстиуæгæн Уæрæсе банымадта Хуссар Иры хæдбардзинад. Уæрæсейы фæстæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадтой ноджы цалдæр бæстæйы, уыдон нымæцы — Венесуэла, Никарагуа, Науру ӕмӕ Сири.