Цӕгат Иры мысынц 20 азы размӕ Хъолайы цъитийы бын фӕмардуӕвӕг адӕмы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ дыццӕджы ссардтой 20 азы размӕ Хъӕрмӕдоны комы Хъолайы цъитийы рацыды фӕстиуӕгӕн фӕмардуӕвӕг адӕмы рухс нӕмттӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны регионы сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.
"Мысӕн мадзӕлтты ма хайад райстой Цӕгат Ирыстоны министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕтты минӕвӕрттӕ, депутаттӕ, барадхъахъхъӕнӕг структурӕты кусджытӕ, муниципалитеттысӕргълӕуджытӕ", - ранымадтой пресс-службӕйы.
Цӕгат Ирыстоны Геналдоны комы 2002 азы 20 сентябры раскъуыд Хъолайы цъити. Трагедийы фӕстиуӕгӕн амардысты ӕмӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты 120 адӕймагӕй фылдӕр. Се ‘хсӕн уӕрӕсейаг исӕн къорд режиссер ӕмӕ актер Сергей Бодровы сӕргълӕудӕй ӕмӕ бӕхты театр "Нартӕ"-йы артисттӕ.
Хъӕрмӕдоны фӕзынд граффити Сергей Бодров ӕмӕ бӕхты театр "Нарты" артистты нывтимӕ