Æртæ адæймаджы бахъыгдард сты фондз ФТЦ-ы: МХМ Хуссар Иры фæндæгтыл уавæры тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæндæгтыл ивгъуыд къуыри Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ срегистраци кодтой фондз фæндагон-транспортон цауы (ФТЦ). Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй авариты фæстиуæгæн æртæ адæймаджы райстой буары цæфтæ, госпитализаци сæ нæ бахъуыд.
Афтæ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 277 фæткхалды.
"Æртæ шофыры фæдыл сарæзтæуыд административон протоколтæ автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, ивгъуыд къуыри республикæйы территорийыл фыракæндтæ регистрацигонд не 'рцыд. Æхсæнадон фæтк фехалыны тыххæй барадхъахъхъæнджытæ æрурæдтой иу адæймаджы.