Хуссар Ирыстон майрӕмбоны баззайдзӕн ӕнӕ рухсӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстон майрӕмбоны, 30 сентябры баззайдзӕн ӕнӕ рухсӕй, электроэнерги ахицӕн кӕндзысты 9.00 сахатӕй 18.00 онг. Уый тыххӕй хъусын кӕны паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс".
Рухсы ахицӕн баст у электрохахх "Цӕгаттаг портал- Дзау"-ыл цалцӕггӕнӕн куыстытимӕ.
Хуссар Ирыстон электроэнерги исы Уӕрӕсейӕ 110 КВт хахх "Зӕрӕмӕг — Цӕгаттаг портал — Дзау"-ы уылты.