Хуссар Ирыстоны 15 октябрӕй райдайдзысты бӕстыхӕйттӕ хъарм кӕнын

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны уагдӕттӕ ӕмӕ куыстуӕттӕ цӕттӕ сты хъармгӕнӕн сезоны райдианмӕ, фехъусын кодта Sputnik "Энергоресурс"-ы сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан.
Уый банысан кодта, йӕ куыстуаты дӕлбар кӕй ис республикӕйы бюджетон къабазы 50 уагдоны.

"Алкӕцы уагдоны дӕр ауагътам цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ӕмӕ хъармгӕнӕн сезонмӕ стӕм цӕттӕ. Мах кусӕм объектты къухдариуӕггӕнджыты куырдиӕттӕм гӕсгӕ, зӕгъӕм, сабидӕтты нӕ бон у баиу кӕнын раздӕр. Хъармгӕнӕн сезон адарддӕр вӕййы 1 апрелы онг, фӕлӕ алцыдӕр баст у боныгъӕдыл", - загъта Гӕбӕраты Алан.

Кадртӕй "Энергоресурс" ифтонг у, бахахх годта уагдоны директор ӕмӕ хъармгӕнӕн сезоны райдианмӕ алцыдӕр цӕттӕ у.
Хуссар Иры скъолаты дарддæр цæуынц нывæзтон басгæрсттæ ахуырадон азы райдайæнмæ
Цхинвалы администрацийы ахуырады хайады гӕст Биазырты Татьяна куыд банысан кодта, афтӕмӕй столицӕйы скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты хъӕрмад баиу кӕндзысты 15 актябрӕй, кӕд уазӕлттӕ раздӕр нӕ ныллӕуой, уӕд.
"Октябры ӕмбистӕм термометры амонӕг кӕд ӕмӕ ӕрхауы 8 градусмӕ ӕмӕ ныллӕгдӕрмӕ, уӕд бӕстыхӕйттӕ хъарм кӕнын райдайӕм раздӕр", - банысан кодта уый.
Биазырты Татьяна ма радзыртта, скъолатӕ ӕмӕ сабидӕттӕ иууылдӕр цӕттӕ кӕй сты зымӕгон рӕстӕгмӕ.