Президент бахӕс кодта тыхон структурӕты хистӕртӕн схӕцын дӕлхайӕдты хӕстон цӕттӕдзинадыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik. Сӕвзӕргӕ геополитикон ӕмӕ регионалон уавӕр хынцгӕйӕ тыхон структурӕты къухдариуӕггӕнджытӕ хъуамӕ сифтонг кӕной сӕ дӕлхайӕдты хӕстон цӕттӕдзинад. Уый тыххӕй Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фехъусын кодта дыццӕджы Ӕдасдзинады советы оперативон рабадтыл.
"Сӕвзӕргӕ геополитикон ӕмӕ регионалон уавӕр хынцгӕйӕ тыхон структурӕты къухдариуӕггӕнджытӕ хъуамӕ сифтонг кӕной сӕ дӕлхайӕдты хӕстон цӕттӕдзинад: срӕвдз кӕнын ӕнгом ӕмгуыстад Уӕрӕсейы Федерацийы профилон уагдӕттимӕ, цӕмӕй ӕрӕмдзых кӕной Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕй уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад кӕмӕн ис, уыдоны бынативды фӕтк", - хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Гаглойты Алан тыхон структурæтимæ рабадтыл: цæрджытæм хъæуы хæццæ кæнын раст информаци