Спайда кæндзыстæм фæсауæрцтæй: Эксперт УГТ æрбабырсыны фæнды тыххæй Энергодармæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik, Козаты Диана. Æфсæддон эксперт Дмитрий Корнев нымайы, Украинæйы Гарзджын тыхты (УГТ) размæбырстон архæйдтытæ гæнæн кæй æрцæуой Энергодары.
Уый размæ Запорожаг областы æфсæддон-граждайнаг администрацийы сæйраг советы уæнг Владимир Рогов фехъусын кодта РИА Новости, украинæйаг æфсæдтæ гæнæн ис кæй бафæлварой размæбырст Энергодары районы.
"Техникон æмæ теоретикон æгъдауæй Украинæйы Гарзджын тыхты размæбырстон архæйдтытæ гæнæн ис уой Энергодары районы. Уым ис уавæртæ уымæн. Æндæр фарст у, цæттæ сты украинæйаг æфсæдтæ, æви нæ, цы нывæзтытæ ис знаджы командæгæнджытæм", - загъта Корнев.
Уый банысан кодта, размæбырстон архæйдтыты хатдзæгтæ иттæг хорз нæ уыдзысты, уымæн æмæ уымæй фæзындзæн тас бацахсын Запорожаг АЭС.
"Фæлæ уым ис æфсæдтæ. Ацы здæхтыл активон æхстытæ кæй уыд, уый фæдыл уымæ аздæхтой стыр хъусдард. Уым ис авиацион æмæ ракетон тыхтæ дæр. Украинæйы æфсады рдыгæй исты архæйдтытæ куы сбæрæг кæной, уæд спайда кæндзысты фæсауæрцтæй, цæмæй ма руадзой размæбырст", - бахахх кодта эксперт.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.