"Бирæ фæивдзæнис": Макеева Донбассы референдумты тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Донбассы территорийыл референдумтæ ацыдысты сæрибар æмæ легитимонæй. Æвзарджыты фылдæр хай схъæлæс кодта Уæрæсейы Федерацимæ æрбаиу кæныныл. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта Уæрæсейы геополитикон экспертизæты Центры директоры хæдивæг Наталья Макеева.
"Ныр алы æхст дæр ацы территориты рдæм нысан кæндзæн æхст Уæрæсейы рдæм. Фæивдзæн хæстон архæйдтыты барадон статус, афтæ ма Донбасс, Херсоны æмæ Запорожаг областты цæрджыты барадон статус дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, æрбацæудзæн Уæрæсе йæ бартæ æмæ хæслæвæрдтимæ: социалон фадыг, закон, инфраструктурæйы арæзтад", - загъта Макеева.
Уый банысан кодта, нырма ацы территоритыл сабыр уавæр кæй нæй æмæ гæнæн ис расидой антитеррористон операци.
Наталья Макеева
Йæ ныхæстæм гæсгæ, референдум ацыд, фæлæ хæстон архæйдтытæ нырма дарддæр цæуынц, афтæ ма хъæуы бакусын сабыр цард æрнывыл кæныныл дæр.
Наталья Макеева ма бафтыдта, зæгъгæ, ссæрибаргонд территоритæ Уæрæсейы скондмæ куы бахизой, уæд фæивдзæн сæрмагонд операци дæр.
"Уый уыдзæн антитеррористон операци. Уыдзæн фадат бакæнын фылдæр æфсæддонты. Уыдонæн уый уыдзæн службæ Уæрæсейы территорийыл. Уавæр фæивдзæн, сæрмагонд операци æнтыстджынæйдæр цæудзæн, уымæн æмæ ДАР, ЛАР æмæ ссæрибаргонд территоритæ расыгъдæг кæндзысты знаджы диверсион-разысгарæн къордтæй. Знагимæ тох уыдзæн эффективондæр", - бахахх кодта Макеева.