Æддагбæстон тыхгæнджытимæ тохы таурæгътæ. Кодзырты Таймураз

Sputnik
Нæ фыдæлты рæстæджы иу быдираг æлдар йæ фæсдзæуинтимæ хохмæ хъалон исынмæ бацыди æмæ Санибайы Кодзырты Таймуразы кæрты æрхызтис. Сæ бæхтæ хоры къутуйыл бафтыдтой уæгъдæй, сæхæдæг хæдзары даргъ бандоныл хицоны бадт æркодтой.
Таймуразы бинонтæ уазджытæм тынг хъæлдзæг цæстæй ракастысты. Уайтагъд сын æрæвæрдтой хæрд, нозт парахатæй, æмæ æмхуызонæй сæ уæлхъус уырдыг æрлæууыдысты. Æлдар рæбынæй бады. Бандоныл йæхи фæстæрдæм дзæгуæз ауагъта æмæ мæстыхуызæй, тарæрфыгæй Таймуразы мады фæрсы:
— Зæронд ус, ды ацы хæдзарæн цы бавæййыс? — Æз дæн, мæ хур, сæ мад. — Уæдæ-ма мын зæгъ, дæ фырттæ кæм сты? — Тепсарыхъо æмæ Сæудженыхъо быдыры, Таймураз та фыййау. — Нæ фæлæ кæд, чи зоны, мæнæй бамбæхстысты? — Оххай, мæ хур, уанцон æмбæхст нæу, лæгæй чи бамбæхса, ахæм лæппутæ мын не сты. — Цæй-ма, уæдæ, æз чи дæн, уый ды зоныс æви нæ? — Хорз дæ нæ хъуыды кæнын, фæлæ уæддæр мæ буц уазæг дæ. — Уæдæ æз дæн уыцы æлдар, сымах хъалон кæмæн нæ фидут.
— Дæ хорзæхæй, нæ буц æлдар, хохаг адæмæй кæй хъалон агурыс? Дæ зæххыл цæрынц æви дæ фыдæлты кусджытæ уыдысты?.. Уæдæ ’мæ фыдæлты æмбисонд æцæг у: "Хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссарай!" Цалдæр хатты уыл хорхъуаг азтæ скодта, æмæ уæ мах нæ чысыл хæххон хорæй фервæзын кодтам.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.