Гуырдзыстонимæ арæныл уавæр у стабилон – Хуссар Иры ПÆК

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны хсæн паддзахадон арæныл уавæр у стабилон. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæ.
"Хуссар Ирыстоны территорийы цур Гуырдзыстоны тыхон структурæты фæрæзтæ нæ фылдæр кæнынц. Афтæ ма бæлвырд нæ цæуы æнæпилотон авиацийы тæхыны активондзинад", - дзырдæуы хъусинаджы.
ПÆК бафтыдтой, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг-гуырдзыстойнаг арæны уадзæн пунктты уылты адæм хизынц æнæ уæлвæткон цаутæй.
"Республикæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады Советы скъуыддзагмæ гæсгæ, Гуырдзыстонимæ арæны уылты скуыстой уадзæн пункттæ "Раздæхæн" æмæ "Переу" алкæцы мæйы 20-æй 30-æм нымæцмæ. Уадзæн пунктты уылты хизынц æрмæстдæр Чысангомы æмæ Синагур-Карзманы зонæйы цæрджытæ. Уæлвæткон цаутæ уый рæстæджы бæлвырдгонд не ‘рцыд", - загътой пресс-службæйы.
ПÆК Арæнгæрон службæ Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы Арæнгæрон дæлхайадимæ иумæ реализаци кæны мадзæлттæ, кæцытæ здæхт сты арæнгæрон режим бавæрынмæ æмæ республикæйы æмбæстæгты æдасдзинады сæххæст кæнынмæ.