Хуссар Ирыстоны ӕрцахстуӕвӕг гуырдзыстойнаг ӕмбӕстаджы радтой гуырдзиаг фарсӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстон радта Гуырдзыстонӕн йе 'мбӕстаджы, кӕцыйы ӕрцахстой 2022 азы июны паддзахадон арӕны сӕрты ӕнӕзакононӕй ӕрбахизыны тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.

"Гуырдзыстоны ӕрцахстуӕвӕг ӕмбӕстагӕн - Калашников Нукри Васильевич, 1972 азы гуырд, 2022 азы 24 июны Цхинвалы горӕттаг тӕрхондон рахаста цыппар мӕйы ахӕст паддзахадон арӕны сӕрты ӕнӕнзакононӕй бахизыны тыххӕй", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уагдоны ма радзырдтой, дыццӕджы Калашниковы ӕрфидаргонд фӕткмӕ гӕсгӕ кӕй радтой Гуырдзыстоны хицауадӕн.
Гуырдзыстонимæ арæныл уавæр у стабилон – Хуссар Иры ПÆК