Дзæуджыхъæуы байгом адæмон нывгæнæг Хъараты Людмилайы равдыст

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik, Къæбысты Анна. Дзæуджыхъæуы, Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы байгом ис скульптор, Уæрæсейаг аивæдты академийы уæнг-корреспондент, РЦИ-А адæмон нывгæнæг Хъараты Людмилайы равдыст "Преображение". Мадзал нывонд у Аланийы Дзуарæфтыды 1100 азæн.
Дзæуджыхъæуы байгом адæмон нывгæнæг Хъараты Людмилайы равдыст
Нырыккон нывгæнæг Хъараты Людмила, кæцы ис арф расткадон дины тематикæйы, равдыстмæ рахаста скульптурæтæ æмæ коллажтæ, кæцытæ арæзт æрцыдысты алыгъуызон техникæты æмæ æвдисынц сæрмагонд цæстæнгас чырыстон динмæ.
Экспозицийы ма ис адæмон нывгæнæг Едзиты Сосланбеджв куыстытæ дæр музейы коллекцийæ, кæцытæ зонгæ кæнынц уазджыты советон рæстæджы Цæгат Кавказы иунæг чырыстон скульпторы сфæлдыстадимæ.
Дзæуджыхъæуы байгом адæмон нывгæнæг Хъараты Людмилайы равдыст
Равдысты байгомы цытджын церемонийы музейы директор Дзанайты Алла банысан кодта, скульптор Хъараты Людмила кæй у оригиналон аивадон стилы хицау.
"Скульптурæ у аивады сæрмагонд хуыз, цы ран алцыдæр кæронмæ загъд не рцæуы. Кæд хуызфыссынад у хуыз æмæ композицийæ, уæд скульптурæйы та сæйраг сты гуырахст æмæ формæ. Людмилайы куыстытæ æндавынц эмоционалон æгъдауæй зондыл дæр, æнкъарæнтыл дæр, дæттынц адæймаджы цардæвзарæнтæ", - банысан кодта уый.
Музейы директор ма бафиппайдта, Хъараты Людмилайы куыстытæ кæй сты Уæрæсе æмæ Европæйы егъаудæр музейты, сæ нымæцы паддзахы æмкъайы коллекцийы Нидерландты.
Дзæуджыхъæуы байгом адæмон нывгæнæг Хъараты Людмилайы равдыст
Скульптор йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй йæ Хуыцауы ссарыны темæ цымыдис кодта кæддæриддæр - сабибонтæй фæстæмæ.
Дзæуджыхъæуы байгом адæмон нывгæнæг Хъараты Людмилайы равдыст