Хуссар Иры хицауад сфидар кӕндзӕн культурон ӕмӕ историон цыртдзӕвӕнты иумӕйаг реестр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хицауады уагӕвӕрдӕй ноябры фӕнд кӕнынц сфидар кӕнын культурон ӕмӕ историон цыртдзӕвӕнты реестр. Уӕдмӕ та куыст цӕуы объектты паспорттӕ цӕттӕ кӕныныл, фехъусын кодта Sputnik культурӕйы министр Зӕгъойты Рада.
"Иумӕйаг паддзахадон реестр нырма цӕттӕ нӕу, ома куыд сӕрмагонд документ афтӕ нӕ кусы. Мах ацы куыст сцайдагъ кодтам объектты паспорт цӕттӕ кӕнынӕй. Реестр сфидар кӕныны фарст та хицауады ӕркастмӕ рахӕсдзыстӕм ацы аз ноябры мӕйы", - загъта Зӕгъойты Рада.
Уыимӕ иумӕ ма культурӕйы министр банысан кодта, ӕввахс рӕстӕджы кӕй фӕзындзӕн историон ӕмӕ культурон объекттыл сӕрмагонд уӕлфысттӕ.
"Уӕлфысттӕ ныззаказ кодтам Цӕгат Ирыстоны. Иу хуыз сын ис, фыст сыл уыдзӕн нӕ дыууӕ паддзахадон ӕвзагыл - ирон ӕмӕ уырыссагыл. Нысан сыл уыдзӕн сӕ бындурӕвӕрдты датӕтӕ. Азы кӕронмӕ цыртдзӕвӕнты иу хайыл хъуамӕ уа уӕлфысттӕ", - бафтыдта уый.
Зӕгъойтӕ Радайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, историон ӕмӕ архитектурон цыртдзӕвӕны статус дӕтты сӕрмагонд къамис, кӕцы кусы министрады дӕлбар.