ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады разамонæг Марат Павлов райста хæстон архæйдтыты ветеранон организацитæй иуы минæвæртты. Уый тыххæй хъусын кæны хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ.
Фембæлды рæстæджы банысан кодтой ветеранты организацитæ иугонд структурæмæ æрбаиу кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.
"Æрдзырдтой ацы категорийы æмбæстæгты социалон ифтонгады законады базæйы арæзтад балхынцъ кæныныл æмæ уæрæсейаг законтимæ унификацийыл. Сæ нымæцы, лæмбынæгæй æркастысты законы проект "Хæстон архæйдтыты хайадисæджы статусы фæдыл" пункттæм æмæ РХИ закон "Ветеранты фæдыл"-мæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Марат Павлов равдыста ныфс, хъахъхъæнынадон уагдон æмæ æхсæнадон ветеранты организацитæ дарддæр кæй æмгуыстад кæндзысты.
Фембæлды хайад райстой хаъхъхъæнынады министры Статс-Секретарь, инæлар-майор Сиукъаты Вадим, хъахъхъæнынады министры æххуысгæнæг, инæлар-майор Руслан Сулейманов æмæ РХИ æфсæддон комиссар, булкъон Бибылты Роберт.