Мыхуыр æрцыдысты бадзырдтæ ДАР, ЛАР, Херсон æмæ Запорожаг областтимæ УФ бахизыны фæдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik. Барадон информацийы портал ныммыхуыр кодта бадзырдтæ ДАР, ЛАР, Херсонаг æмæ Запорожаг областтимæ Уæрæсейы скондмæ райсыны фæдыл, хъусын кæны РИА Новости.
УФ президент Владимир Путин 30 сентябры ралæууыд Кремлы ДАР, ЛАР, Херсонаг æмæ Запорожаг областты референдумы фæстиуджытимæ, уый фæстæ бафыста бадзырдтæ сæ сæргълæуджытимæ регионты УФ скондмæ райсыны фæдыл.
"Ацы бадзырд рæстæгмæ ист цæуы æмæ йæ тыхы бацæудзæн ратификацийы датæйæ фæстæмæ", - дзырдæуы цыппар ныммыхуыргонд бадзырды.
Бадзырдтæй алкæцыйы дæр нысан цæуы, уадон кæй бафыстой Мæскуыйы 2022 азы 30 сентябры дыгай экземпляртæй, алкæцы дæр уырыссаг æвзагыл.
Бадзырдмæ гæсгæ, ДАР, ЛАР, Херсонаг æмæ Запорожаг областты арæнтæ, кæцытæ хæстæг сты æндæр бæстæйы территоритæм, сты Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон арæнтæ.