Паддзахадон думæ сратификаци кодта бадзырдтæ ног территоритæ УФ скондмæ райсыны фæдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik. Падзахадон думæ æмхъæлæсæй сратификаци кодта бадзырдтæ ДАР, ЛАР, Херсоны æмæ Запорожаг областты Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фæдыл.
Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин 30 сентябры ралæууыд Кремлы ДАР, ЛАР, Херсоны æмæ Запорожаг областты референдумты фæдыл, уый фæстæ бафыста барамындтæ сæ сæргълæуджытимæ регионты Уæрæсейы скондмæ райсыны фæдыл. Фæстæдæр Уæрæсейы Конституцион тæрхондон банымадта ацы бадзырдтæ аккаг УФ Конституцийæн.
Бадзырдтæ сæ тыхы бацыдысты ратификацийы бон.
Мыхуыр æрцыдысты бадзырдтæ ДАР, ЛАР, Херсон æмæ Запорожаг областтимæ УФ бахизыны фæдыл