Цæгат Иры мобилизацигонд æфсæддонтæ рацыдысты хæстон цæттæкæнынады курс

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 окт – Sputnik. Цæгат Ирыстоны æфсæддон полигон Тарскоейы ацыдысты мобилизацигонд æмбæстæгты ахуыртæ. Уый тыххæй хъусын кæны "Осетия-Ирыстон".
Резервистты ахуыр кæнынц æхсын, тохы тактикæ, фыццаг медицинон æххуыс бакæнын. Фæлтæрддзинад æмæ курдиæттæм гæсгæ, мобилизацигонд æмбæстæгты цæттæкæнынад гæнæн ис хицæн кæна.

"Мобилизацигонд æмбæстæгтæ æмæ бархионтæ ахуыр кæнынц æфсæддон хъуыддаг: минæ-рæмудзæн хъуыддагæй хæстон рæнхъыты змæлыны онг. Уыдон сæ бахъæудзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы", - дзырдæуы хъусинаджы.

Уæрæсейы президент Владимир Путин 21 сентябры бафыста барамынд бæстæйы хайон мобилизаци ауадзыны фæдыл.