Цыппар ног регионты цæрджытæн уæрæсейаг паспорттæ ратдзысты фæхуымæтæггонд режимы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik. Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Евгений Иванов фехъусын кодта, ДАР, ЛАР, Херсонаг æмæ Запорожаг областты цæрджытæ кæй райсдзысты уæрæсейаг паспорттæ фæхуымæтæггонд режимы, фыссы РИА Новости.
"Процедурæйыл дзургæйæ, мах ыл бакусдзыстæм коллегæтимæ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæй. Фæлæ, æз куыд зонын, афтæмæй хъæудзæн бадæттын куырдиат, уыдзæн фæхуымæтæггонд режим, фæлæ дзы ардбахæрд нæ уыдзæн", - загъта уый комитеты рабадты Паддзахадон думæйы.
Владимир Путин æмæ ДАР, ЛАР, Херсонаг æмæ Запорожаг областты сæргълæуджытæ 30 сентябры бафыстой бадзырдтæ ног регионты Уæрæсейы скондмæ бахизыны фæдыл.