Федерацийы совет сратификаци кодта бадзырдтæ ног территоритæ УФ скондмæ бахизыны фæдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Федерацийы Совет дыццæджы рабадтыл æмхъæлæсæй сратификаци кодта бадзырдтæ ДАР, ЛАР, Херсоны æмæ Запорожаг областты Уæрæсейы скондмæ райсыны фæдыл, хъусын кæны РИА Новости.
Уый размæ документтæ сфидар кодта Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон думæ.
Æхсæнадæмон бадзырдтæм гæсгæ:
ДАР, ЛАР, Херсоны æмæ Запорожаг областты арæнтæ, кæцытæ хæстæг сты æндæр бæстæйы территоритæм, сты Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон арæнтæ;
2026 азы 1 январьмæ цыппар ног субъекты ис рахизæн период æфсæддон службæ æрнывыл кæныны тыххæй;
уыцы æмгъуыдмæ хъуамæ аскъуыддзаг кæной ног регионты интеграци дæр Уæрæсейы экономикон, финансон, кредитоон æмæ барадон системæмæ;
уæрæсейаг законтæ æмæ æндæр нормативон барадон акттæ кусынц ног регионты Уæрæсейы скондмæ бахизыны бонæй;
Херсоны æмæ Запорожаг областты нормативон барадон акттææй нæ пайда кæнынц, кæд уыдон ныхмæ дзурынц Уæрæсейы Конституцийæн;
ДАР æмæ ЛАР хицауады официалон документтæ архайынц рахизæн периоды кæронмæ;
ДАР æмæ ЛАР хицауадтæ дарддæр кусдзысты, цалынмæ республикæты сæргълæуджытæ ног хицауад саразой, уæдмæ. Херсоны æмæ Запорожаг областты хицауадтæ хъуамæ равзарой губернаторты уæрæсейы законтæм гæсгæ;
Украинæйы æмæ æндæр бæстæты æмбæстæгтæ, афтæ ма æнæ æмбæстæгадæй гоймæгтæ, кæцытæ цæрынц ног субъектты, нымад цæуынц Уæрæсейы æмбæстæгтыл, кæд æмæ иу мæйы æмгъуыдмæ нæ фехъусын кæной, сæ раздæры æмбæстæгад сæ кæй хъæуы;
Уæрæсе гаранти дæтты адæмтæн, кæцытæ цæрынц ног регионты, бавæрын сæ мадæлон æвзаг æмæ саразын уавæртæ йæ райрæзт æмæ ахуыр кæнынæн.
Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин 30 сентябры ралæууыд Кремлы ДАР, ЛАР, Херсоны æмæ Запорожаг областты референдумты фæдыл, уый фæстæ бафыста барамындтæ сæ сæргълæуджытимæ регионты Уæрæсейы скондмæ райсыны фæдыл. Фæстæдæр Уæрæсейы Конституцион тæрхондон банымадта ацы бадзырдтæ аккаг УФ Конституцийæн.