Иу стыр сахары æртæ æфсымæры хæрз мæгуырæй цардысты. Кусгæ хорз кодтой, архайгæ фылдæр, фæлæ сыл цард нæ хæцыди, сыдæй мардысты.
Иу бон сфæнд кодтой: "Фæлидзæм, — загътой, — нæ сæр фесафæм". Æртæ цъæлын кæрдзыны ма сæм уыд, фæйнæ дзы райстой æмæ араст сты.
Цæуын байдыдтой. Хуыцау зоны, бирæ фæцыдысты, цъус фæцыдысты, — иу ран быдыры æрæнцадысты. Быдыры астæу куыройы фаг дон цыд, доны фæйнæфарс — рæсугъд быдыртæ, къуырфбын лæнчытæ, дæргъауæдз хуымтæ. Уалынмæ сыл иу барæг (Уастырджи) æрæфтыд æмæ сын, уæ фæндаг раст, зæгъгæ, загъта.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.