ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Хуссарирыстойнаг фӕндагон службӕтӕ цалцӕг кӕнынц трассӕ Гуфта-Къуаисайы фадыг, кӕцы бахъыгдард ис 2022 азы сӕрды тӕрккъӕвдаты рӕстӕджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ эксплуатацийы фӕдыл комитеты пресс-службӕ.
"Республикон нысаниуӕгджын автомобилон фӕндаг Гуфта-Къуаисайыл кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны быннаг ӕнцойгӕнӕн сисы арӕзтад, афтӕ ма йын хӕрзарӕзт кӕнынц йӕ уӕлцъар ӕмӕ фӕндаггӕрон дӕр", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.
Комитеты бахахх кодтой, ацы мадзӕлттӕ кӕй уыдысты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг , уымӕн ӕмӕ 2022 азы июнь-июлы тӕрккъӕвдаты рӕстӕджы фӕндаджы элементтӕ ӕрцыдысты ӕдзӕллаг уавӕрмӕ.