Хуссар Ирыстоны схорзӕхджын кодтой УУМ кусджыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады бындурӕвӕрды 14-ӕм афӕдзыбоны цытӕн схорзӕхджын кодтой уагдоны кусджыты. Уый тыххӕй хъусын кӕы УУМ пресс-службӕ.
Уӕлвӕткон уавӕрты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Цоциты Азӕмӕты бардзырдмӕ гӕсгӕ, къорд кусӕджы райстой I, II ӕмӕ III къӕпхӕны майдантӕ "За отличие в службе", "За спасение жизни", "За ликвидацию последствий стихийных бедствий", афтӕ ма уагдонон грамотӕтӕ. Уымӕй дарддӕр ма радтӕуыд радон сӕрмагонд цинтӕ.
Куыстыл ӕнувыддзинад: президент раарфӕ кодта Хуссар Иры УУМ сӕ бӕрӕгбоны фӕдыл
Раздӕр президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта уагдоны кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны фӕдыл. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, профессионалон хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, алкӕцы кусӕг дӕр хӕссы стыр хайбавӕрд зынсирвӕзтон ӕдасдзинад бахъахъхъӕнынмӕ ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхты аиуварс кӕнынмӕ.