ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Сергей Шойгу фехъусын кодта, зӕгъгӕ, хайон мобилизацийы фӕлгӕтты УФ Гарзджын тыхты скондмӕ бацыд 200 минӕй фылдӕр адӕймаджы.
"Уӕрӕсейы Федерацийы президенты барамындмӕ гӕсгӕ 21 сентябрӕй бӕстӕйы уагъд цӕуы хайон мобилизаци. Абоны онг нӕ Газджын тыхтӕм ӕрбафтыд 200 минӕй фылдӕр адӕймаджы", - хъусын кӕны Шойгуйы ныхӕстӕ РИА Новости.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕмбӕлон бӕрнон гоймгтӕн хӕсгонд ӕрцыд сифтонг кӕнын мобилизацигонд адӕмы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг дарӕсы комплекттӕй ӕмӕ ӕндӕр дзаумӕттӕй, афтӕ ма сӕ снысан кӕнын ӕфсӕддон бынӕттӕм.
"Сфидаргонд хисӕрмагонд сконды ахуыр кӕнынц 80 полигоныл ӕмӕ ӕхсӕз ахуырадон центры", - бафтыдта Шойгу.
Уӕрӕсейы президент Владимир Путины барамындӕй 21 сентябрӕй бӕстӕйы цӕуы хайон мобилизаци, нывӕзты ис ӕрсидын 300 мин резервистмӕ, уый та у УФ иумӕйаг мобилизацион ресурсы 1% -ӕй чысыл фылдӕр.