Æгъдауы таурæгътæ. Уастырджи уазæгуаты. Фæлвæрайы фырт Будзумар

Sputnik
Фæлвæрайы фырт Будзумар йæ фырыты къорд Сайнæджы тигъыл райдзæгъта.
Сайнæг-æлдары чызг Сайнæджы дуармæ кæрдгæ-хуыйгæ кæны, йæ судзин æмæ йе ’нгуырстуан тæвд кæнынц, ихджын дон йæ цуры дары æмæ сæ уыцы ран тулы.
Фæлвæрайы фырт Будзумар æм кæсы æмæ йæм дзуры: — О уæртæ чызг, тæхуды йæ къона, ды кæй уды фæуыдзынæ, ды кæй мыггаджы кæронмæ фæцæудзынæ!
Уæд æм Сайнæг-æлдары чызг Ацырухс дзуры: — О уæртæ фæхсынхоры фырт, ды мæнмæ уыцы ныхас куыд суæндыдтæ, æз дæ хуызæттæй куынæ смой кæндзынæн, мыййаг!
Раздæхта фæстæмæ йæ фырыты къорд Будзумар. Сайнæджы тигъыл сбадт æмæ уыцы ран кæуы. Йæ фырытæ дæр йæ разы хизынц. Уастырджи йæ базыдта æмæ йыл рабæлццон кодта йæхи æмæ йæ фæрсы...
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.