Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта ахуырады къабазы кусджыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембӕлд республикӕйы ахуыргӕнджытимӕ ӕмӕ сӕ схорзӕхджын кодта ахуырады къабазы ӕнтыстытӕ ӕмӕ йӕ райрӕзтмӕ хайбавӕрды тыххӕй. Фембӕлды ма хайад райста ахуырады министр Джиоты Аряна.
Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта ахуырады къабазы кусджыты
Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы, 5 октябры, нысан кӕнынц Ахуыргӕнӕджы бон - ахуырады къабазы ӕппӕт кусджыты профессионалон бӕрӕгбон.
Гаглойты Алан раарфӕ кодта республикӕйы ӕппӕт ахуыргӕнджытӕн дӕр сӕ бӕрӕгбоны цытӕн, бузныг сын загъта сӕ куысты бӕрзонд ӕмвӕзады тыххӕй.
"Стыр бузныг уын зӕгъын уӕ удуӕлдай куысты тыххӕй ацы къабазы. Алкӕцы адӕймагӕн дӕр уыд йӕхи ахуыргӕнӕг, алчидӕр рацыд уыцы фӕндагыл. Кӕсын ӕмӕ фыссын зонгӕйӕ ничи райгуыры. Бузныг уын уый тыххӕй", - загъта уый.
Президент схорзӕхджын кодта республикӕйы фондз ахуыргӕнӕджы, кӕцытӕ уыдысты фембӕлды.
Бибылты Нелли ӕмӕ Джыгкайты Александр . Багаты Федмар хорзӕхджын ӕрцыдысты Кады ордентӕй. ноджы ма дыууӕ ахуыргӕнӕджы та - Мурадова Фатима ӕмӕ Остъаты Заира та райстой "РХИ схуыхт ахуыргӕнӕджы" кадджын нӕмттӕ.
1 / 6

Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта ахуырады къабазы кусджыты

2 / 6

Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта ахуырады къабазы кусджыты

3 / 6

Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта ахуырады къабазы кусджыты

4 / 6

Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта ахуырады къабазы кусджыты

5 / 6

Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта ахуырады къабазы кусджыты

6 / 6

Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта ахуырады къабазы кусджыты